Кавказ ис мæ быны. Бæрзонд хохæн æз
Фæлгæсын фæйнæрдæм йæ митæмбæрзт тигъæй,
Мæ бафале цъуппæй ыстæхæг цæргæс.
Æвзарын мæ дæле тæлтæг дæтты гуырæн,
Тæссаг зæйтæн рæгътæй сæ фыццаг лæбырæн.
Ам мигътæ мæ быны кæнынц ныр хæлбурцъ,
Æхсæрдзæнтæ се ̓хсæн хæл-хæл кæнынц рæгътæй,
Уынын æз сæ быны хæрз бæгънæг къæдзæхтæ,
Хъуынахæст къулдымтæ, уым къутæр фæбур,
Дæлдæр та хъæдыкъох, кæрдæгхæст цъæх тагтæ,
Уым зарынц ныр мæргътæ, уым дугъ кæнынц сагтæ.
Бындæр кæнынц адæм хæххон мæгуыр цард,
Уым фыстæ фæбырынц цъæх-цъæхид сæрвæттæм,
Æрхизы йæ фыййау йæ хъæлдзæг бынæттæм,
Кæм тындзы Арагуи йæ ададжы тагъд.
Уым комы æмбæхсы мæгуыр хæххон барæг,
Уым азæлы Теркæн йæ мæстæлгъæд зарæг.
Терк хъазы ̓мæ ниуы, раст афтæ ма сырд
Чыргъæдæй йæ холы куы суыны, уæд ниуы,
Æнахъаз хæрамæй, йæ пырх калгæ схъиуы,
Зыд уылæнтæй сдæры егъау дурты ̓мбырд…
Дзæгъæлы! Нæ1! Нæй йын зæрдырай сæрибар:
Æгомыг къæдзæхтæ йæ балвæстой фидар.